preloader
сейчас в эфире
03:18
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
03:35
ТАЙНА НА КАРТЕ. КАВКАЗСКИЕ ДОЛЬМЕНЫ 12+
04:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
close

Багаты Ноннæйыл сæххæст 50 азы

26.07.2024 14:21

Хæрз æрæджы моладзандоны разамонæджы схорзæх кодтой “Ирыстоны намысы” майданæй.

2000-æм аз. Æрыгон режиссер Багаты Наталья “Портрет на фоне гор” программæйы ног рауагъдæн ссардта æрмæг. Сфæлдыстадон къордимæ араст Рыльскмæ. Сыгъдæг Николайы номыл моладзандоны цард аргъауанæн карджын лæггадгæнæг, кæцымæ цыдысты æгас бæстæйæ. Ирыстонæй æрцæуджытæ дæр бирæ уыдысты. Жураналистты уый сцымыдис кодта. Уæд 26 аздзыд Наталья йæхи æнæуырнæгыл нымадта, æнхъæл дæр нæ уыд æм ацы балцы фæстæ йæ цард кæй фæивдзæн, уый. Хъодалаты Гиули йæ ныр дæр хорз хъуыды кæны уыцы фембæлд, кæд 24 азы рацыд, уæддæр.

Уарзондзинад, кæцы аивта цард æмбарынад. Хуыцаумæ æмæ монон амонæгмæ уарзондзинад. Аргъуаны хистæр Ипполит Уæрæсейы зонгæ у куыд нымæхст зæдыл. Бирæ диссæгтæ саразæгмæ йæ куывдытæ райсынмæ бирæ адæм цыдысты. Се ‘ппæты дæр иу ныфс бауагъта. Йæ дæлбар рæзыд æмæ йæ уырнынад хъæддых кодта æвзонг чызгæн. Цыбыр рæстæджы фæстæ “Наташа режиссер” – афтæ йæ хуыдта аргъуаны лæг, йæ арфæйадæй аргъауæнæн лæггад кæнын райдыдта. Моладзандоны йæ райдыдтой Ноннæ хонын.

Сауджын Ипполиты арфæйадæй Ноннæ хотимæ сыздæхт Ирыстонмæ. 2002-æм азы Алагиры цардысты зæронд æрдæгарæзт хæдзары. Æрмæст дыууæ азы фæстæ Тæмисчъы ссардтой зæххы хай. Ногдзауты раздæры лагеры æрбынат кодта сылгоймæгты Алайнаг моладзандон. Аив æй куыд кодтой, афтæмæй нæ чысыл республикæйы æрцыд стыр бæллæх – Беслæны цаутæ.

Фыдбæллæхы рæстæг Ноннæ уыд адæмы фарсмæ. Уыцы цаутæ адæймаджы зæрдæ райсын нæ куымдта, фæлæ иуварс лæууын дæр йæ бон нæ баци. Бæстыхайы территорийы центр арæзт æрцыд теракты хъыгдардбаййафджытæн. 2008-æм азы райдыдта йæ фыццаг цæрджыты исын. Æмæ уый æрмæст реабилитаци нæ уыд. Уыцы уæззау цаутæ цы сывæллæттæ бавзæрстой,
уыдон систы моладзандоны ахсджиаг хай. Ныр уыдонæй бирæтæ ардæм æрцæуынц сæ цотимæ. Тебиаты Аринæ сентябры бонтæ хорз хъуыды кæны. Хъыгагæн базыдта хæлæртты куыд зын сафæн у, уый. Уæдæй бæстæ сау адардта. Ацы бынаты цы æнкъарæнтæ æмæ ныфс райста, уыдон дзы никуы ферох уыдзысты.

Царды фæндæгтыл цыдысты, аргъ кодтой хорз хъуыдытæ æмæ хъуыддæгтæн, Хуыцауыл æууæндгæйæ. Афтæмæй систы мад Ноннæйы сывæллæттæ. Мингай адæмы удты ссыгъта рухс. Цас хорздзинæдтæ скодта, уый йæхæдæг зонгæ дæр нæ кæны. Ныртæккæ сыгъдæг бынатмæ бирæ æрбацæуджытæ вæййы. Иу хатт моладзандонмæ сæмбæлгæйæ свæййынц йæ хорз хæлæрттæ. Марина Пак рыст æмæ зындзинадимæ зонгæ у. Беслæны теракты фæсæфта йæ царды насын – йæ чызг Светæйы.

Ацы гæнæнты тыххæй бирæтæ сты бузныг Ноннæйæ. 20 азмæ моладзандон райста мингай адæмы. 2008-æм азы гуырзийаг лæгсырдтæй чи ралыгъд, уыдонæн дзы равæрдтой дзæбæхгæнæндон. Уæззау цæф чи райста уыдонæн дзы кодтой фыццаг æххуыс. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ та æрбынат кодтой центры. Мад иу йæхæдæг ацыд Хуссар Ирыстонмæ адæмы раласынмæ. Ахæм узæлд æмæ уарзондзинад адæймаджы зæрдæйы стыр фæд ныууадзы. Уæззау цауты рæстæг ын йæ архайд тынг хорз бахъуыды кодтой. Абон бæрæг кæны йæ 50 азы юбилей. Хæрз æрæджы моладзандоны разамонæджы схорзæх кодтой “Ирыстоны намысы” майданæй. Йæ хорздзинæдтæ сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты нæ чысыл республикæйы историйы.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое