Сергей Меняйло фембæлд Цæгат Ирыстоны тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæйы разамонæг Къесаонты Игоримæ. Фембæлды фæнысан кодтой тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæйы 2021-æм азы куысты хатдзæгтæ. Къесаонты Игоры ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд аз ведомствойæн се ’нцонтæй нæ рауад. Пъырыстыфты куыстыл бафтыд. Бакуыстой 1 милуан хъуыддагæй фылдæрыл.
Тæрхондоны сæйраг пъырыстыф ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй ивгъуыд аз сæ къухы æнтыстдзинæдтæ дæр бафтыд. Æххæстæй кæронмæ бакуыстой æмæ æхгæд æрцыдысты хъуыддæгты 57 %. Сергей Меняйло фæнысан кодта ведомствойы ахсджиаг куыст. Ныртæккæйы зын уавæрты æнцон нæу. Æнæмæнг куыст æххæст кæнын хъæуы закъоны бындурыл.
















