Сергей Меняйло фембæлд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасимимæ. Кусæг фембæлды рæстæг ныхас цыд æмгуыстады фарстатыл. Архиерей регионы разамонæгæн радзырдта Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы фæдыл конференцимæ цæттæгæнæн мадзæлтты тыххæй. Мадзал ацæудзæн 22 майы Мæскуыйы.
3-æм æппæтадæмон ахуырадон кæстытæ арæзт цæуынц Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы хъæппæрисæй. Алчыр республикæйы сæргълæууæгмæ фисидт курдиатимæ, цæмæй разамынд дæтта конференцийы президиумæн. Мадзалы фæлгæты ма фæнд кæнынц сывæллæтты куыстыты равдыст æмæ коллективон монографийы презентаци саразын.
















