Сергей Меняйлойæн уыд кусæг фембæлд республикæйы Туризмы комитеты сæрдар Дзæрæхохты Ацæмæзимæ. Ныхас цыд, туристон территориты райрæзты мастер-пълан саразыны фæдыл Дзæуджыхъæуы цы стратегион сесси ацыд, ууыл. Йæ фæлгæты КАВКАЗ.РФ, æхсæнæдтæ «НКД», «Терра Тех», агентад «Асгард»-имæ иумæ, равдыстой проекты фыццаг къæпхæны куыстыты хатдзæгтæ.
Дæргъæвс æмæ Фæсналæн бацæттæ кодтой сæрмагонд проекттæ. Регионы разамонæг бабар кодта, цæмæй документ мартъийы кæронмæ сцæттæ кæной. Йе ‘ххуысæй бæлвырд уыдзæн, бюджетæй хæрдзтæ кæнын бахъæудзæн æви нæ, уый.
Сергей Меняйло ма йе ‘ргом аздæхта нырыккон информацион технологитæй пайда кæнынмæ. Зæгъæм, туристон навигатор. Йæ фæрцы-иу уазджытæ сæ балцы фæтк снысан кæндзысты. Зондзысты æргътæ, стæй сæ транспорт бахъæудзæн æви нæ, уый. Дзæрæхохты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ куыст цæуы сæрмагонд уæлæфтуаныл. Хъуамæ йæм хаст æрцæуа æппæт хъæугæ информаци.
















