Сергей Меняйло рахаста Фрайты Сосланы физкультурæ æмæ спорты министрæй снысан кæныны хъæпæрис. Уымæй уæлдай загъта, хæстæг рæстæг Волейболы федераци республикæйы ахуыргæнæндæттæй иуы спортзалмæ кæй раивдзысты, уый тыххæй.
Ныры онг архайдтой спортивон хъæбысхæцсты центры.Фембæлды рæстæг ма Сергей Меняйло фæнысан кодта Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты федераци æмæ бæстæйы спорты министрадимæ æмгуыстады ахсджиагдзинад. Бастдзинæдтæ хъæуы фидардæр кæнын. Ивддзинæдтыл дзургæйæ, сæргълæууæг фæсидт Мырыкаты Хъазыбегмæ, Рахизфарсы районы сæргълæууæджы бынат кæй суæгъд, уый фæдыл уыцы хæстæ йæхимæ цæмæй райса. Фæнысан кæндзыстæм, Хуадонты Артур ныр æххæст кæндзæн республикæйы спорты министры хæдивæджы хæстæ.
















