Сергей Меняйло сфидар кодта вице-премьерты. Афтæмæй, Æгъуызарты Мурат сси хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг. Вице премьерты бынаты ма сты Тугъанты Ларисæ æмæ Томайты Ирбег.
Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ. Сæрмагонд указ бафыста регионы разамонæг Сергей Меняйло.
















