1-æм сентябрæй скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты цы ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ райдайой кусын, уыдонæн фиддзысты уæлæмхасæн. Ног фæтк хауы 2023-æм азы рауагъдонтæм.
Ногдзинады тыххæй фехъусын кодта Сергей Меняйло аппаратон æмбырды. Ацы нысæнттæн уæлдай фæрæзтæ нæ бахъæудзæн, регионы тыхтæй сыл аххæсдзысты. Æмбырды ма ныхас кодтой, скъолатæм чи цæуы, уыдонмæ цæстдарды интеллектуалон система скусын кæныны тыххæй дæр. Раздæр уал æй скусын кæндзысты республикон физикон-математикон лицей-интернаты. Дарддæр системæ апарахат кæндзысты иннæ скъолаты дæр. Уымæй уæлдай ма Цæгат Ирыстоны байгом кæндзысты ирон æвзаджы рæзты центр. Хъуыддагыл ныридæгæн кусынц. Архайынц ыл уæлдæр ахуыргæнæндæттæ дæр. Бæрнон министр Алыбегты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ, центр хъуамæ æрбангом кæна æгас республикæ æмæ нæ адæмон хæзнатæ бахъахъхъæныныл сахада. Сергей Меняйло ма бабар кодта уæлдæр ахуыргæнæндæтты фылдæр профориентацион куыст кæнын. Фæзындзæн проект «Университетские субботы»-зæгъгæ. Йæ руаджы уæлдæр ахуыргæнæндæтты алы сабаты дæр скъоладзаутæн кæсдзысты лекцитæ, араздзысты семинартæ æмæ дæсныйад æвдисæг ахуыртæ.
Хицауады уæнгтæ ма æрныхас кодтой зæххытæ æнæзакъонæй радих кæныныл дæр. Республикæйы сæргълæууæг разыйæ нæ баззад ацы хабарæй æмæ бабар кодта прокуратурæйæн уавæрмæ лæмбынæг æркæсын. Æртæ боны фæстæ сæ уый фæдыл хъæудзæн доклад бацæттæ кæнын. Æмбырды ма куыд рабæрæг, афтæмæй нæ республикæйы байгом кодтой 51 афтечы. Æппæт хъæуты дæр ныртæккæ ис хостæ балхæнæн. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта ацы ахсджиаг хæсмæ бæрнонæй кæсын.
















