Æфсæддон ныббырст – иуыл зындæр æмæ ахсджиагдæр хæслæвæрд тохы быдыры. Æмæ йæм рагацау хъæуы хорз бацæттæ кæнын.
Тохы быдыры аллы уысым дæр цардæн у ахсджиаг æмæ æфсæддон хъуамæ зона туг бауромын, жгут сæвæрын æмæ цæф æмбалы æдас ранмæ ракæнын
Хуымæтæгæй йæ фæнысан кæндзынæн куыд хъæуы уый. Уый фæстæ аптечкæйæ сисæм цы нæм ис уый, фыссæнгарз æмæ фыссæм рæстæг, зæгъæм: 11 сахаты æмæ 11 минуты
Бынаты арæхсын, уый дæр у тохмæ цæттæдзинады æвдисæн. Æфсæддонтæ ахуыр кæнынц картæ æмæ компасимæ кусыныл. Бæрæг кæнынц бынат æмæ æнæзонгæ ран аразынц маршрут.
“Бынаты арæхсын уый у ахуырты сæйраг хай. Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй не `фсæддонты бирæ цæуын фæхъæуы. Вæййы афтæ æмæ 10 километры дæр ацæуынц, уымæ гæсгæ сæ нысан кæнын хъæуы бынæттæ. Цæф æфсæддоны кæдæм ис рахæссæн, уый дæр”.
Æнæпилотон тæхæнгæрзтæ æппынæдзух вæйынц ныббырсты архайæг къордтимæ. Се руаджы бæрæггонд цæуы уавæр æмæ ис комкоммæ бастдзинад иннæ дæлхайæдтимæ.
“Ныббырсты разæй чи ацæуы, уыдоны архайдмæ цæст дарæм æнæпилон тæхæн аппараты руаджы. Уый фæрцы сын мах амонæм сæ дарддæры архайд, кæсæм ныхмæлæууæг кæцырдæм цæуы æмæ афтæмæй нæ лæппуты хъахъхъæнæм ”
Абоны полигон у бæлвырд тохы цауты фæлварæн. Æфсæддонтæ цæттæгæнæн курсытæ куы ацæуой, уæд сæ тых æмæ зонындзинæдтæ равдисдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы æрвылбоны службæйы.
















