Абон Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд ацы азы фыццаг аппаратон æмбырд. Уым регионы разамонæг бабар кодта, цæмæй «Электроцинк»-æй клинкер ласын райдайой.
Ныхас ма цыд Цæгат Кавказы кинохроникæйы студийыл. Йæ райрæзты проект ныридæгæн кӕронмæ цæттæ нæу. Зæххы хайы исбонады фарста йæ бынатæй цæуылнæ æнкъуысы, уый равзарын сæргълæууæг дзуапдæттæг кусджтыты бæрны бакодта. Æрдзырдтой цæрджытæн социалон æххуысыл дæр. 17 азы онг сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдонæн иумæйаг фиддонтæ снысан кæнынæн регион ныридæгæн хъæугæ мадзæлттæ бацæттæ кодта. Æмбырды рæстæг Сергей Меняйло коммуналон службæтæн бабар кодта, бордюрты цур цы мит æмбырд кæны, уый бафснайын.
















