Дзæуджыхъæуы ацыдысты грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй æрвылазон ерыстæ. Æдæппæтæй дзы архайдтой, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 100 лæппуйы.
Ерыс кодтой 11 уæзмæ гæсгæ. Фæсивæд равдыстой бæрзонд æмвæзадыл спортивон цæттæдзинад, стæй уæлахизмæ тырнындзинад. Тыхджындæр богæлттæ баххæст кæндзысты регионы иугонд командæ. Цæгат Ирыстоны номæй бацархайдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты январы. Мадзал бабæрæг кодта физкультурæ æмæ спорты министр Кочиты Сослан дæр.
















