Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд коррупцийы ныхмæ республикон къамисы æмбырд. Сæйраг фарстатæй иу — стыр æлхæдтыты къабазы нысангонд домæнтæ. Æмбырды æрдзырдтой процедурæйы архайджыты нымæц фæкъаддæр кæнынимæ баст цаутыл. Ныхас цæуы объекты æмбарынгæнæн фыстытæ, техникон хæстæ æмæ инструкци фысгæйæ дыууæрдæм хъуыдытæ сæвзæрдæй хи бахизыныл.
Заказ чи скæны, уый домæнтæ бæлвырдæй нысангонд не рцæуынц. Бакусын ма хъæуы æмбарынæдтæ «спайдагонд» æмæ «æрбафтиаг» товартæ кæрæдзийæ хицæн кæныныл. Сергей Меняйло хицауады уæнгтæн æмæ бынæттон хиуынаффæйады сæргълæуджытæн бабар кодта 1 ноябырмæ бакусын, цæмæй, стыр æлхæдтытæ кæнгæйæ, архайджыты ’хсæн сæвзæргæ быцæутæ æмæ искæй фæндтæ æххæстгæнæн мадзæлттæн бынат куыд нæ уа, афтæ.
Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тамайты Майрæн куыд загъта, афтæмæй коррупциимæ баст цаутæ фылдæр æмбæлнц коммуналон лæгæдты фиддонтæ æмбырдгæнгæйæ. Сæ аиуварс кæнынæн куыстуæтты нымайæн æмæ кассæты центрты куыст раивдзысты банчы картæтæй иу раны фидыны фæткмæ. Æмбырды архайджытæ ма фæнысан кодтой, национ проект «Образование»-йы райрæзт республикæйы æмæ коррупцийы ныхмæ пропагандæйы мадзæлттæ цас ахсджиаг сты, уый.
















