Регионы æрыгон программисттæ æрæмбырд сты программированийæ æппæтадæмон чемпионат “РуКОд”-ы финалы къæпхæны. Ацы фестиваль ныр фæндзæм у. Архайынц дзы сæдæгай æрыгон æмæ фæлтæрдджын инженертæ. РуКОд у егъау ерыс программированийы къабазы олимпиадон архайды. Официалон æгъдауæй йæ банымадта Уæрæсей рекордты чиныг. 5 азмæ йæ фæлгæты бацархайдтой милуан адæймагæй фылдæр. Ацы аз та йæ географи зынгæ фæуæрæхдæр. Уæрæсейаг скъолатæ æмæ университетты ахуырдзаутæй уæлдай ма дзы архайынц СНГ æмæ ма суанг БРИКС-ы бæстæйты минæвæрттæ дæр. Чемпионаты уæлахиздзаутæн бацæттæ кодтой лæвæрттæ, уыимæ сын фадат уыдзæн стажировкæ ацæуынæн раззагдæр IT-компаниты, скъоладзаутæн та ма уæлæмхасæн баллтæ бафтаудзысты сæ иумæйаг паддзахадон фæлварæны хатдзæгтæм. РуКОд йæ архайджытæн гом кæны фæнадаг профессионалон æхсæнады уæвынмæ, фидæны технологитæ зонынмæ.
















