Дзæуджыхъæуы 15-æм скъола бындуронæй цалцæг кæнынц. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты. Райдзаст кълæстæм сывæллæттæ бахиздзысты сентябры. Бындурон рацарæзт цæуы 26-æм скъолайы дæр. Бæстыхайы техникон цæттæдзинад у 70%. Скъолатæ бабӕрæг кодта горæты сæргълæууæг Александр Пациорин.
Хъæдын пъолтæ, зæронд коммуникацитæ æмæ, сæхиуыл тыххæй чи хæцы, ахæм рудзгуытæ. 15-æм скъолайы техникон уавæр сæ хуыздæртæй нæ уыд. Директорæн ныр дæр ма йæ зæрдæ баризы, куы æрхъуыды кæны, се скъола куыд тынг уыд цалцæггæнинаг, уый.
Иу агуыридур иннæйы фæдыл дзы баивтой алцыдæр. Мидæггаг куыстытæ фесты. Ныр кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Бæстыхайы æддаг бакаст саив кæнын хъæуы. Кæцыдæр кабинетты ис мебель дæр æмæ кусæнгарз дæр. Зæгъæм, физикæйы кълас ныридæгæн цæттæ у. Ис ма дзы гыццыл цыдæр кæнинæгтæ.
Куыстытæ конд цæуынц æмгъуыдмæ гæсгæ. 15-æм скъола хъуамæ скуса сентябры. Фæлæ 26-æм скъола скусдзæн ахуыры азы райдиан, æви нæ, уый дызæрдыггаг у. Кæд дзы цалцæджы куыстытæ пъланмæ гæсгæ райдыдтой, уæддæр, æмткæй райсгæйæ, бæстыхайы 70% йедтæмæ нæма сцæттæ ис.
Ныртæккæ ацы бынаты кусы 40 адæймаджы. Фæлæ дзы нырма бирæ кæнинæгтæ ис. Зæгъæм, мадзæлттæаразæн залы гом къултæ æмæ пъолӕй уæлдай ницыма ис. Фæлæ дзы ног рудзгуытæ лæууы. Афтæ, сындæггай кусгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрды кæронмæ не срӕвдз уыдзысты.
Куыд сывæллæттæ, афтæ ахуыргæнджытæн дæр хъуамæ арæзт æрцæуой æмбæлгæ уавæртæ ахуыр кæнынæн æмæ кусынæн. Ног технологитæ скъолаты ныр диссаг никæмæн уал кӕсынц. Фæлæ дзы цæмæй уыдон иууылдæр уой, уый тыххæй бæстыхай хъуамæ техникон домæнтæн дзуапп дæтта. Уымæ гæсгæ ныртæккæ нæ регионы æрмæст ног скъолатæ нæ аразынц, фæлæ ма чи ис, уыдон дæр цалцæг кæнынц.