Алы криминалисты, æнæмæнг хъæугæ æххуысгæнæг. Æнæ ацы дзауматæй æвирхъау цауы бынаты ницы бакæндзынæ. Нæдæр æй нысан фæкæндзынæ, нæдæр фæдтæ ссардзынæ, нæдæр комкоммæ æвдыстæгтæ сбæрæг кæндзынæ. Къопи сисынæн сæрмагонд гæрзтæ, рухдзæг, лупæ, ссадæг, æнгуылдзты фæндысантæ исæн гарз æмæ æндæртæ. Фæсивæдæн æппæт лыстæгдзинæдтæ дæр амонынц ахуыргæнджытæ. Ахорæнæй раст спайда кæнын, цæмæй бæлвырд бæрæггæнæн райсай. Бытæхъаты Ибрагиммæ æппæт ацы архайд тынг цымыдисаг кæсы, алкæддæр æй фæндыд юрист суæвын. Арæх каст детективтæм. Ардæм æрбацæугæйæ раст цыма уыцы кинонывтæй иуы фестад, афтæ. Ахуыр кæны хæцæнгарзæй æхсын, иртасы хъæдгæмтты хуызтæ. Фидæны специалисттæн ам сарæзтой æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сæ дæсныйад бæстонæй базоной. Ахуыргæнджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй иннæтæй хицæн кæнынц фылдæр æргом практикæмæ кæй здахынц, уымæй. Сывæллæттæ ныридæгæн систы æцæг детективтæ. Бæлвырд фоторобот сæмбырд кæнынмæ та сæ бахъæуы æрмæст цалдæр минуты.
2023-æм азы колледж кадртæ цæттæ кæныны ног программæйы фæлгæты райстой грант. Байгом кодтой “Барадхъахъхъæнджыты архайд”, зæгъгæ, уникалон кълас. Æппыæдзух йæ райрæзтыл куыст цæуы. Баххæсынц æм ног здæхтытæ æмæ уроктæ. Сентябрæй сывæллæттæн лекцитæ кæсдзысты Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Дарддæр та практикæ тæрхондоны æмæ алыхуызон ведомствоты.
Сæрмагонд кълас Цæгат Ирыстоны Падзахадон базарадон-экономикон колледжы цымыдис кæны фылдæр ахуыргæнинæгты. Кæд ивгъуыд аз ахуырмæ чи цыд уыдон 20 уыдысты, уæд ацы аз абитуриентты нымæц ныртæккæ у 50 адæймаджы. Æмæ уый кæронбæттæн бæрæггæнæн нæу, уымæн æмæ нырма студентты исыны афон у. Хæстæгдæр рæстæг юристты нымæц, æнæмæнг, фæфылдæр уыдзæн.
















