Куыд æрвылбон, афтæ уыцы райсом дæр Барис рацыд тренировкæмæ. Терчы былгæрон хидыл федта æнцойгæрæны сæрты ахизгæйæ чызг кæй лæууы. Лæппуйæ фембæрста цæмæйдæр тыхсы, уый. Бацыдис æм, æрсабыр æй кодта. Йемæ ныхас кæнын райдыдта. Ахæм цауты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, ууыл сæ ахуыр кодтой ирвæзынгæнджыты курсыты. Æнæмæнг хъæуы арæхстгай архайын.
Диссаг у ахæм бæрзæндæй йæхи раппаргæйæ, чызг тынг цæфтæ кæй нæ фæци. Ныртæккæ цæугæдоны æмвæзад чысыл у, уымæ гæсгæ былмæ йæхæдæг рахызт. Цалынмæ иннæтæ тагъд медицинон æххуысы службæмæ дзырдтой, уæдмæ Барис чызгмæ ныххызт, йæ
дзаумайыл æрбакодта. Дохтырты æрбацыдмæ йæ цурæй нæ ацыд.
Хъыгагæн, ахæм цаутæ фæстаг рæстæг сарæх сты. Тæккæ знон республикæйы сæхи амардтой дыууæ адæймаджы. Фыййагдоны сылгоймаг йæхи раппæрста рудзынгæй. Сапицкий будкæйы ‘рдыгæй та мардæй ссардтой æрыгон лæппуйы. Ахæм уæззау хъуыды цæмæ æрцæуы адæмагмæ, уый тыххæй бафарстам специалистты. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй аххосæгтæ сты алыхуызон. Бирæтæ иунæг кæй вæййынц, уымæн дæр нæ бафæразынц.
Фæлæ хи æнкъарæнтæ бамбарын æмæ сыл фæтых уæвын алы хатт нæ бантысы. Арæх царды ивддзинæдтæй психикæ баййафы хъыгдæрд. Аххосæгтæ та вæййынц алыхуызон. Хатгай адæймаг нæ бафæразы хæстæг адæмимæ баст уæззау цаутæн, кæнæ нал фæбыхсы йæ низтæн. Стæм хатт адæймаг æххуысы фæдыл фæсиды психологы æххуысмæ. Арæхдæр уыцы хъуыддагæй æфсæрмы кæнынц.
Медикон-социалон-психологон æххуысы республикон центры директор Абайты Ларисæйы ныхæстæм гæсгæ, зын уавæры адæймагæн æххуыс кæны хуымæтæг ныхас дæр. Афтæмæй йæ адæймаг бамбары иунæг кæй нæу, уый.
Кæд æй бамбæрстат æмæ уæ хæстæг адæймаг йæхи æнахуыр дары кæнæ та йæхиуыл йæ къух сисынмæ хъавыд, уæд фæстиад кæнæн нæй. Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй фылдæр хатт психотерапийæ баххуыс кæны. Сæйрагдæр у афойнадыл æххуыс райсын.
















