Цæгат Ирыстоны спорты райрæзтыл хъæуы бæстонæй бакусын, цæмæй æрмæст футбол æмæ хъæбысхæстыты спортæй уæлдай ма иннæ хуызтæ дæр парахат кæной. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы физкультурæ æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан журналисттимæ фембæлды. Ныфс бавæрдта сæрмагонд цæстдард кæй цæудзæн хоккей, гимнастикæ, ленккæнынмæ, гольфмæ æмæ æндæр спОрты хузтæм. Ныртæккæ уымæн фаг нæ кæнынц спортивон бæстыхæйттæ. Куыд æмбæлы афтæ дæр ифтонг не сты. Фарстайыл бæрнон кусджытæ архайынц. Афæдзы райдиан, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ æрвылазон ныстуаны расидт Бæройты Хасанмæ, цæмæй алы районы дæр саразой ныррыкон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм спортивон фæзтæ. Зæгъын хъæуы, уый æмæ ацы азы кæронмæ Дыгуыры, Алагиры æмæ Рахизфарсы районты хъуамæ байгом уой ног спортивон комплекстæ.
«Нæ бон куыд у, афтæ архайæм. Иннæ азмæ фæнд кæнæм 4 стыр спортивон галуаны саразын. Дзæуджыхъæуы, доныбылгæрæтты сараздзысты фæзтæ волейболæй æмæ футболæй хъазынæн. Уыимæ ма дзы уыдзæн згъорынæн хицæн бынат дæр. Ахæм сæрмагонд фæзтæ сараздзысты Мæздæджы, Дыгуыргомы, Беслæны æмæ Горæтгæрон районы», — спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан.
Дзæуджыхъæуы Хъесаты Астаны номыл уынджы физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы дæр куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ ма хъæуы залтæ тренажертæй сифтонг кæнын, волейболæй хъазыны сеткæ сæвæрын. Объект хъуамæ срæвдз уа 2 къуыримæ.
«Ацы стадионмæ цæуын йæ бон уыдзæн алкæмæндæр. Мæнмæ гæсгæ, цæмæй Ирыстоны цæрджытæ уой æнæниз,фыццаджыдæр хъуамæ уой спортивон”должна быть спортивной», — спортивон инвентарь цæттæгæнæг специалист Къæбысты Альберт.
















