preloader
сейчас в эфире
20:35
РАЗБОР ПОЛЕТОВ 12+
Смотрите Далее
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
ПЕСНИ ПОД ЗВЕЗДАМИ 16+
22:10
ПОХИЩЕНИЕ ЕВЫ (3,4 -АЯ СЕРИЯ) 12+
ТВ ПРОГРАММА
РАЗБОР ПОЛЕТОВ 12+
close

Сугъаты Хъазыбегæн саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон артисты ном

17.03.2026 13:30

Хъазыбег у æгæрон курдиаты хицау. Фæлæ йæ алыварс цы адæм ис, йе ‘мкусджытæ та ма йæ зонынц куыд куыд фæлмæн, зæрдæхæлар, хъæлдзæг адæймагæй.

Артисты дæсныйадмæ уарзондзинад йæ зæрдæйы ссыгъд сабийæ фæстæмæ. Скъолайы иу æнæ йæ архайдæй иунæг мадзал дæр нæ ацыд. Дзуры, уроктæй дæр ма иу алыгъдтæн, зæгъгæ. Сценаримæ гæсгæ иу се ‘ппæт архайджыты ныхæстæ дæр зыдта. Сценæйыл йæ бон алкæй фæивын дæр уыд. Фæстæдæр йæхицæн сæвæрдта нысан – актерыл сахуыр кæнын. Æмæ йæ сæххæст кодта. Æхсызгонæй мысы уыцы азтæ.

Йæ равзæрст фæндагыл иу бон дæр нæ фæфæсмон кодта. Театрмæ хуымæтæг хуымæллæггаг лæппу æрбацыд 21 аздзыдæй. Уæд æрыгон артистты раст фæндагыл æвæрдтой куырыхон хистæртæ – Хуыгаты Сурен, Цæргæсты Дзамболат. Хъазыбеджы зæрдæйы сын стыр бынат ис, бирæ хорздзинæдтæ сæ зоны.

Йæ фыццаг сурæт йæхиуыл абарста Кокойты Андрейы æвæрд спектакль “Отверженный Ангел”-ы. Уæдæй абонмæ йæ рольтæ бирæ баисты. Хъесаты Æба – “Хæхты минæвæртты”, Мысост – “Мне так хочется жыть”-ы, Блу – “Моя дорогая тетушка”-йы. Ныр дæр не сфæлдыстадон къордæн фадат фæцис комеди “Хамасхортæ”-йы репетици фенынæн. Йæ премьерæ уыдзæн 21-22 мартъийы.

Сценæмæ куы рахизын, уæд мæ æппæт æндæр хъуыддæгтæ айрох вæййынц, зæгъы артист. Алы роль скæнынмæ дæр бацæуы стыр бæрнондзинадимæ. Æрмæст афтæмæй ис зæрдæйæ зæрдæмæ фæндаг ссарæн, зæгъы Хъазыбег.

Хъазыбег у æгæрон курдиаты хицау. Фæлæ йæ алыварс цы адæм ис, йе ‘мкусджытæ та ма йæ зонынц куыд куыд фæлмæн, зæрдæхæлар, хъæлдзæг адæймагæй. Хистæртæй сæ хуыздæр миниуджытæ исы, кæстæртæн та зондамонæг у, зæгъы Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Черчесты Дианæ.

Адæймаг зæрдиагæй куы архайа, уæд йæ къухы стыр æнтыстдзинæдтæ бафты. Æрæджы Сугъаты Хъазыбегæн саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны Адæмон артисты ном. Ирон театры ирддæр стъалытæй иу. 20 азы снывонд кодта театрæн. Зæрдиагæй йын дарддæр дæр лæггад кæндзæн. Аивадуарзджытæн лæвар кæндзæн йæ уарзондзинад æмæ курдиат.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое