Специалисттæ арæхсгай къултæ сæрдынц, раст сæ кæнынц. Сæрмагонд кусæнгæрзты фæрцы архайд тагъддæр цæуы. Куыстытæ æххæст кæнынц бæстыхайы дыккæгæм уæладзыджы. Фыццаг ныридæгæн ссыгъдæг кодтой. Дарддæры къæпхæн – коммуникацитæ ауадзын. Сунжæйы сывæллæтты дыккæгæм рæвдауæндоны хызты 90% заууатмæ æрцыдысты.
Бæстыхæйтты къултыл хъуына апарахат æмæ уый дæр æвзæры рдæм сахадыдта уавæрыл. Баивын хъæуы пъолтæ, рудзгуытæ, рацаразын – къултæ æмæ цар. Аиуварс кæнын ма хъæуы дон æмæ электрон тыхимæ баст къуылымпыдзинæдтæ. Сывæллæтты рæвдауæндон кусы 2002-æм азæй. Уæдæй дзы бындурон цалцæг фыццаг хатт цæуы. Бæстыхайы агъуыстыты равæрдмæ дæр хъæуы ивддзинæдтæ баххæсын.
Æртæ корпусы, хæрæндон, хуыссæн уæттæ, агдон æмæ музыкалон-спортивон зал. Фæнд дзы кæнынц æппæт мебель æмæ ифтонггæрзтæ сног кæнын. Ныртæккæ та уал æхсæз къорды æмæ 140 сывæллоны æнцонвадат уавæрты суазæг кодтой Горæтгæрон районы цыппар кусæндоны. Фæлæ уæддæр хъомылгæнинæгтæ æмæ педагогтæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц сæ ноггонд рæвдауæндонмæ æрбаздæхынмæ.
Объекты æрвылбон 15 специалисты онг. Кусынц нысангонд фæткмæ гæсгæ, рацарæзт фæуынвæнд кæнынц 1-æм сентябрьмæ. Бындурон цалцæг цæуы нацпроект “Бинонтæ”-мæ гæсгæ. Æмткæй ацы аз Цæгат Ирыстоны сног кæндзысты сывæллæтты æхсæз рæвдауæндоны.
















