Дзæуджыхъæуы сарæзтой Дзуарæвæрды цыд Сыгъдæг Мадымайрæмы дзуары нывимæ. Дзуарæвæрды цыдæн скуывта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим. Архайдтой дины кусджытæ æмæ уырнæг адæм. Аланийы аргъуыды 1 100 азы бæрæгбоны фæлгæты ма цæуы чырыстон фестиваль «Колокольный звон».
Чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Сыгъдæг Мадымайрæмы райгуырды бæрæгбон. Сæрмагонд службæтæ ацыдысты æппæт аргъуанты, уый фæстæ та Дзуарæвæрды цыд Сыгъдæг Мадымайрæмы дзуары нывимæ. Дзуарæвæрды цыдæн скуывта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим.
Æрбацæуæг адæм сæмбырд сты аргъуаны дзæнгæрæн агъуысты. Уыди сын фадат рагон аивады сусæгдзинæдтимæ базонгæ уæвынӕн. Дæсныйадæвдисæн ахуыртæ амыдта Мæскуыйы дзæнгæрджыты скъолайы диакъон Алексей Пугачев.
Цалдæр минуты фæстæ диакъон уырнæг адæмимæ дзæнгæджытыл иумæ ацагътой. Мария Парактаридийæн ай у фыццаг ахæм фæлтæрддзинад. Сæтты, раздæр йæ ныфс нæ хаста, фæлæ ныр разыйæ баззад.
Дæсныйадæвдисæн ахуыртæ сарæзтой дзæнгæрджыты цагъды фестивалы фæлгæты. Мадзал сбастой Аланийы аргъуыды 1100 азы бонимæ.
Дзæнгæрджыты цагъды фæдыл иннæ дæсныйадæвдисæн ахуыртæ сараздзысты райсом Уæлахизхæссæг Георгийы аргъуаны. Изæрæй та фестиваль «Колокольный звон»-ы фæлгæты ацæудзæн камерон хор «Алания» æмæ ансамбль «Уацамонга»-йы концерт.
















