preloader
сейчас в эфире
19:27
ХАБӔРТТӔ 12+
Смотрите Далее
19:30
НАЦИОНАЛЬНЫЕ ИНТЕРЕСЫ 12+
20:30
ДЕЛО МАСТЕРА 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
ЕСЛИ ТЫ НЕ СО МНОЙ ( 1,2 -АЯ СЕРИЯ) 12+
23:15
ДЖИГИТЫ АЛИ-БЕК 12+
ТВ ПРОГРАММА
ХАБӔРТТӔ 12+
close

Сыгъдæгдзинадыл куыст

23.01.2018 17:12

Иудзырдæй, æрдзы чъизидзинад та фылдæрæй-фылдæр кæны.

Республикæйы алы районты цы бырондæттæ æвзæрынц æмæ уыдонæй исты заводтæ куы кусиккой, уæд, æвæццæгæн, республикæйы æфтиæгтæ бирæ фылдæр уаиккой. Фæлæ арæх æвдисæн куыд вæййæм, афтæмæй бырæттæ бирæ, æфснайджытæ – иу-цалдæр. Иудзырдæй, æрдзы чъизидзинад та фылдæрæй-фылдæр кæны. Уавæр зонгæйæ уæлдай æхсызгон у, не `хсæн сыгъдæгуарзаг æмæ æнæзивæг фæсивæд кæй ис, уый. Абон уæ нæ программæйы цы лæппуимæ базонгæ кæндзыстæм, уый йæхицæн хæсыл банымадта æрдзы сыгъдæгдзинадыл бакусын.

Пластик, хъæбæр гæххæт æмæ авг – Камбилеевкæйы цæугæдоны былгæрæттæ быронæй байдзаг сты. Уавæрмæ йæ цæст æрдардта Дачныйы цæрджытæй иу, Рашид Яндиев. Спортуарзаг лæппу алы райсом дæр дугъ фæкæны. Иу ахæм райсом йæ фæндаг акодта доныбылтыл æмæ дзы быроны обæуттæ куы федта, уæд йæ зæрдæ ныррызт. Хæдзары бырæттæй уæлдай ма адæм ардæм раласынц сæ арæзтадон бырæттæ. Æмæ кæд доныбыл фæлладуадзæн бынатыл нымад хъуамæ уа, уæд бынæттон цæрджытæн сси быронæмбырдгæнæн.

Рашид Яндиев: «Ахæм хъуыдымæ æрцыдтæн æмæ мæхи тыхтæй бафснайон ацы фæзуат. Иу къуыримæ æрæмбырд кодтон 25 голладжы. Куыд фæстæдæр æй бамбæрстон иунæгæй йæ ссыгъдæг кæнын мæ бон кæй нæ уыдзæн, уый. Алы къуырисæры ам фæцæуы быронласæн трактор. Æз хауæццæгтæ голлæгты сæмбырд кодтон æмæ сæ ныууагътон фæндаджы цур. Трактор сæ аласта. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæсыгъдæгдæр. Фæлæ та кæсут, хъуыддаг нæ ивы. Адæм сæ бырон куыд калдтой, афтæ йæ дарддæр калынц. Мæ рæстæг æмæ мæ куыст – дон хиды бынты кæлæгау».

Иунæгæй йæ бон кæй ницы у, уый бамбаргæйæ Рашид Яндиев сфæнд кодта ацы бырондон Æппæуæрæсеон Адæмон фронты картæмæ бахæссын. Афтæмæй æхсæнадон куысты раззагдæр архайджытæ базыдтой ног бакусинаг фарстайыл. Уыцы-иу рæстæг курдиаæттæ ныффыстой бæлвырд ведомствæтæм.

Цалынмæ иутæ æнтысджынæй нæ зæххы къори чъизи кæнынц, уæдмæ йæ иннæтæ сыгъдæгзæрдæйæ æфснайынц æмæ æххуыс кæнынц æрдзхъахъхъæныны хъуыддаджы. Уымæн бирæ дæр нæ хъæуы. Дæ алыварс сыгъдæг дарын. Кæ æмæ искуы тынг чъизи у, уæд йæ иумæйаг тыхтæй бафснайын. Тынг егъау бырондæтты тыххæй та фехъусын кæнын Уæрæсейы Адæмон фронты уæнгтæн йæ къамтæ та йын сайтмæ бахæссын. Уый фæстæ æхсæнадон кусджытæ сбæлвырд кæндзысты информаци æмæ æмбæлгæ мадзæлттæ сараздзысты.

Пелиты Сабинæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Все рекомендуемое