Стыр ныхасы комитет рауагъта республикæйы сгуыхт сылгоймæгты тыххæй сæрмагонд чиныг. Йæ бындурыл æвæрд æрцыд театры архайæг Бекъойты Розæйы автобиографи.
Презентаци ацыд абон национ чиныгдоны. Йæ тираж у 100 экземпляры. Æмбырдгонды авторты сæ куыстæй фæндыд равдисын Бекъойты Розæ нæ республикæйы цардмæ цы егъау æвæрӕн бахаста, уый. Уымæй уæлдай ма, куыд фæнысан кодтой, афтæмæй æрмæг æмбырд кодтой дыууæ азы дæргъы. Уымæ гæсгæ, чиныг цæрджыты зæрдæтæм æнæмæнг кæй ссардзæн фæндаг.
















