Сывæллæтты хæдзары 77 хъомылгæнинаджы, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй, баулæфыдысты Тæмисчъы.
Уый тыххæй дзыллон информацион фæрæзтæн фехъусын кодта Сывæллоны бартæ хъахъхъæнæг республикæйы сæргълæууæджы цур Кокайты Артур. Сабитæ сæ фæллард уагътой 2 къуырийы дæргъы. «Хуры Тын», стæй Мæздæджы сывæллæтты хæдзар æмæ хæдзар-интернат «Надежда»-ы хъомылгæнинæгтæ улæфынмæ ацыдысты 25-æм августы.
Ног коронавирусы хæцгæниз кæй парахат кæны, уый тыххæй сæ балц ацыд санитарон домæнтæ хынцгæйæ. Кусджытæ иууылдæр радтой тестытæ, хи бахъахъахъæнæн фæрæзтæй уыдысты æппынæдзух ифтонг. Сывæллæттæн дзы фадат уыди æрмæст сæ фæллад суадзын нæ, фæлæ ма се `нæниздзинад адзæбæх кæнын.
















