Дзæуджыхъæу сыгъдæгæй дарын у горæты администрацийы сæйраг хæстæй иу.
Бæрнон кусджытæ ууыл архайынц алы бон дæр. Кусынц коммуналон службæттæ æмæ Дзæуджыхъæуы префектурæты минæвæрттæ. Афтæмæй, Галиуфарсы администрации руаджы, горæты аиуварс кодтой æнæзакъонæй цы бырондон фæзынд, уый. Бынæттон цæрджытæ сæ бырон уыцы бынатмæ калдтой. Префектурæ æмæ ахстæдты фæрцы, бынат расыгъдæг кодтой.
















