Сывæллæтты сфæлдыстады райрæзты центр “Сæуæхсид”-ы хатдзæгтæ скодтой сывæллæтты журнал “Ногдзау” цы æртæ æркасты расидт, уыдонæн. “На хурты хуртæн”, “Æз зонын Цæгат Ирыстоны гимн” æмæ “Уарзын дæ, мæ ирон æвзаг” конкурсты æмткæй архайдта 654 адæймаджы. Уыдон журналы социалон хызтæм æрбарвыстой видеоæрмæджытæ. Æркасты архайджыты ‘хсæн рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ, хъомылгæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Уыимæ, канд нæ республикæйæ нæ, фæлæ Хуссар Ирыстон, Цæцæны æмæ Кæсæг-Балхъары республикæтæй. Уæлахиздзаутæ систы 90 адæймаджы. Аргъ сын кодтой “Ногдзау”-ы кусджытæ æмæ жюри уæнгтæ. Призерты номыл арæзт кадджын мадзалмæ æрбацыдысты республикæйы фысджыты Цæдисы уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ, сывæллæтты ныййарджытæ æмæ разамонджытæ. Хуыздæрты схорзæх кодтой Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Уазджытæн ма бацæттæ кодтой хъæздыг концертон программæ ирон кæфтытæ æмæ зарджытимæ.
Журнал “Ногдзау” ахæм мадзæлттæ расиды æппынæдзух. Сæйраг редактор Сæлбиты Дианæйы ныхасмæ гæсгæ, ахæм хуызы сывæллæтты разæнгард кæнынц мадæлон æвзаг уарзын æмæ аргъ кæнынмæ.
















