30 азыдзыд рæсугъды ссардтой Мызуры цæрджытæй иуы кæрты. Уыимæ йæ бæрзы дæргъ у 22 метры. Горæты цæрджыты зæрдæмæ фæцыд æмæ къордга. Хæстæгдæр бонты йæ хъазæнтæй æмæ цырæгътæй саив кæндзысты æмæ уæд йæ хуыз скалдзæн. Йæ алыварс фæзы та уыдзысты бæрæгбоны мадзæлттæ.
Гæджиты Майæ: «Сывæллæттимæ рацыдыстæм атезгъо кæнынмæ, заз бæлас фенынмæ. Сабырдзинады проспект куыд саив кодтам, уымæ бакæсынмæ. Нæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Бæрзонд, рæсугъд бæлас у. Куы йæ куы саразой, уæд ноджы хуыздæр уыдзæн. Тæмæнтæ калдзæн».
















