Тæрккъæвда æмæ ихы уацары бахаудысты Æрыдоны æмæ Рахизфарсы районты цæрджытæ. Тыхджын дымгæ ныппырх кодта арæзтæдтæ, бæстыхæйтты сæртæ. Адæмы хæдзæрттæ, стæй социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ доны бын фесты. Тæрккъавда сахат йеддӕмӕ на ахаста, фæлæ цы знаггад æрхаста, уый аиуварс кӕнынӕн чысыл рӕстӕг на бахъæудзæн.
Æрдзон фыдбылыз æппæтæй фылдæр зиан æрхаста Беслæнæн. Уæдæ уæззау уавæр ис Фарн æмæ Бæтæхъойыхъæуы дæр. Тыхджын къæвдайы аххосæй Терк раивылд. Хæстæг æм цы хæдзæрттæ ис, уыдон доны бын фесты. Ныртæккæ бынаты кусын нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ.
Абон Рахизфарсы районы разамынд æвæзтиатæй сарæзтой æмбырд. Кусæг къор, йæ сæргъы Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан. Æрдзон фыдбылыз цы зиан æрхаста, уый нырма хъæуы бæлвырдæй сбæрæг кæнын. Ныртæккæ ма бынаты кусынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ дæр. Архайынц тыхджын къæвда æмæ ихы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Æфснайынц дымгæ цы бæлæстæ афæлдæхта, уыдон. Фарн æмæ Бæтæхъойыхъæуы баййæфтой хъыгдæрд газы хæтæлтæ дæр.
















