Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты райрæзты программæтыл. Кусæг фембæлды архайдтой Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон райрæзты паддзахадон программæ æххæст кæныны департаменты разамонæг Камиль Бексултанов æмæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис.
Сæрмагондæй æрдзырдтой Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты райрæзты программæ хуыздæр куыд сæххæст кæнгæ у, ууыл. Ахæсдзæн 2026-æм азы онг, арæзт у 46 мадзалæй. Сæ иумæйаг аргъ 6 миллиард сомæй фылдæр. Ацы фарстайыл ма ныхас цыд раздæр дæр Регионы разамонæг Сергей Меняйло æмæ бæстæйы хицауады вице-премьер Александр Новакы фембæлды рæстæг. Ныхас цыд Беслæны генералон пъланыл дæр. Ныртæккæ фæрæзтæ нæма рахай кодтой 11 объектæн. Уыдонӕй дыууæ хауынц æнæниздзинад хъахъхъæнынынады къабазмæ, иу та – цæрæнуæтты коммуналон хæдзарадмæ.
Æппæты тыххæй дæр дзуаппдæттæг федералон оргæнтæм курдиæттæ арвыстой æмæ сын, Президенты бардзырдмæ гæсгæ, рахай кæндзысты фæрæзтæ. Æмбырды архайджытæ ма æркастысты Туберкулёзы ныхмæ станцæ æмæ централон архивы арæзтады фарстамæ. Уымæй уæлдай, æрдзырдтой Республикон онкологон диспансер æмæ спорты галуан «Манеж»-ы рацарæзтыл дæр.
















