Гаджеттӕн сӕ фылдæр пайда сты ӕви зиан? Дохтыртӕ уый фӕдыл иу хъуыдыйыл нӕма хӕцынц. Дзырдӕн зӕгъӕм, компьютертæ æмæ телефонты экрантӕм ӕгӕр бирӕ куы кӕсой, уӕд сывæллæттæй иутӕ æвзæр уынын райдайынц, иннӕтӕм та сколиоз дæр фæзыны. Арӕх уыцы дыууӕ фӕзынды раиртасын вӕййы иумӕ дӕр. Фæлæ æнæ нырыккон технологитæй дæр цард нæй. Уæдæ цы гӕнгӕ у, цымӕ, цӕмӕй, уӕхст дӕр ма басудза ӕмӕ физонӕг дӕр сфыца? Уый тыххӕй – нӕ дарддӕры ӕрмӕг.
Цӕстӕй ӕвзӕр цы сабитӕ уынынц, уыдоны нымӕц дохтырты сагъӕсы ‘фтауы. Абон кæсæнцæстытæ æмæ линзæтæ дарынц райдиан кълæсты ахуырдзаутæн се ‘рдæг.
Сывæллæтты офтальмолог Беркъаты Иринæ æрмæст ахæм æнахуыр æфсæнттæ нæ фехъусы ныййарджытæй. Фæлæ йæ æмбары, ныртæккæйы рæстæг – карантинтæ æмæ дистанцион хуызы ахуырадимæ – æнæ гаджеттæй пайда кæнгæйæ дæр нæй. Уæддæр ныййарджытæ хъуамæ æнæмæнг сæ цæст дарой, цæмæй сабитæ бирæ ма бадой телефонтæ æмæ æмæ компьæтерты. Уæдæ сæ хъæуы сæрмагонд гимнастикæ дæр кæнын æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ сывæллæтты цæстыты дохтырмæ кæнын.
Цæстæй æвзæр кæй уыныц, уый иу хъуыддаг у. Сæ бон æнæ гаджеттæй цæрын кæй нæу, уый та у психологон фарста. Касперскийы номыл лабараторийы эксперттæ ма сæрмагонд иртæстытæ дæр сарæзтой. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй сывæллæтты фылдæр фæнды телефоны хъазын. Исты хъæугæ информаци дзы ссарын кæнæ та дзы ахуыры фæдыл пайда кæнын та сæм афтæ хорз нæ кæсы. Уæдæ спортмæ æмхицдзинады кой куы кæнæм, уæд ам дæр хъуыддаг сæ хæрзтæй нæу. Кæд раздæрау сывæллæтты фæнды спорты стыр бæрзæндтæм схизын, уæд сын се ‘нæниздзинад уыййас гæнæнтæ нал дæтты. Бирæ сабитæ секцитæм æрбацæуынц, зæгъæм, астæуыхъæды низтæ кæнæ та æндæр хъæндзинæдтимæ. Уый фыццаджыдæр технологитæ цы знаггад хæссынц адæймаджы æнæниздзинадæн, уыдоны тыххæй.
Сывæллон хъуамæ æрмæст физикон æгъдауæй ма рæза, фæлæ ма эмоционалон æгъдаумæ гæсгæ дæр. Ацы ран дæр та вæййы цæлхдуртæ. Сывæллæттæй ныхас кæныны æмæ се ‘мбæлттимæ бастдзинады фæдыл æрмæст дæр 68% пайда кæнынц технологитæй. Психологты ныхæстæм гæсгæ, ацы бæрæггæнæн фылдæр нæ кæндзæн.
Альтернативæ, ома æндæр исты цымыдисаг куыстытæ хи ирхæфсынæн куыд нæ ис сывæллæттæн. Æвзæр уый у, æмæ æнæ фæкастæй куы пайда кæной сывæллæттæ гаджеттæй. Кванториумты хуызæн бынæтты та зонынц, семæ раст куыд кусын хъæуы, уый. Ам æрмæст монитормæ кæсгæйæ бадын æмæ теори ахуыр кæнын нæ хъæуы, фæлæ практикон зонындзинæдтæй интернетимæ иумæ пайда кæнын.
Гаджеттæ æрмæст дæр знаггад кæй хæссынц, уыимæ иууылдæр разы не сты. Фæлæ бирæтæ афтæ хъуыды кæнынц, мах хистæртæ нæхæдæг кæй халæм сывæллæтты, телефонтæ сын куы раттæм, уæд. Ахуыр дæр дзы кæнынц се ‘руаджы, фæлæ сæм æнæмæнг цæст дарын дæр хъæуы. Уымæн æмæ информацион æдасдзинад дæр рох хъуамæ ма уа.
















