Транспорты хъалон, гæнæн ис, æмæ цæрджыты кæцыдæр хайæн фæивой. Хъæппæрисы тыххæй фехъусын кодтой Парламентæй.
Ныхас цæуы, цы цæрджытæ йæм хауынц, уыцы категоритæ фæуæрæхдæр кæныныл. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады фыццаг секретары хæдивæг Едзойты Марат фæнысан кодта, закъоныпроект бахъахъхъæндзæн цæрджыты фӕндтӕ, куыд сын хуыздӕр у, уымӕ гæсгæ.
















