preloader
сейчас в эфире
05:58
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ +
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ +
close

Цæгат Ирыстон бахауд сæрдыгон æнтæф бонты уацары

18.07.2024 13:19

Термометры бæрæггæнæнтæ амонынц 38 градусы. Синоптикты хъусынгæнинагмæ гæсгæ ма ахæм температурæ æхæсдзæн цалдæр боны. Быдыры районты тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Адæм тæвдæй æмбæхсынц. Бирæтæ хæдзарæй уынгмæ нæ цæуынц, иннæтæ банхъæлмæ кæсынц изæрмæ æмæ уæд рацæуынц тезгъо кæнынмæ, бирæтæ та тырнынц доныбылтæм.

Цæгат Ирыстон бахауд сæрдыгон æнтæф бонты уацары. Термометры бæрæггæнæнтæ амонынц 38 градусы. Синоптикты хъусынгæнинагмæ гæсгæ ма ахæм температурæ æхæсдзæн цалдæр боны. Быдыры районты тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Адæм тæвдæй æмбæхсынц. Бирæтæ хæдзарæй уынгмæ нæ цæуынц, иннæтæ банхъæлмæ кæсынц изæрмæ æмæ уæд рацæуынц тезгъо кæнынмæ, бирæтæ та тырнынц доныбылтæм.

Хуры тынтæ тынг тыхджын сты. Бирæтæ сæхи хурмæ ныддарынц, куыд не ‘мбæлы, афтæ бирæ рæстæг. Уый аххосæй организм æгæр стæвд вæййы. Фылдæр хатт ахæм уавæр æркæны хуры тыхджын цæфмæ. Йæ фыццаг миниуджытæ сты: лæмæгъдзинад, хæрын зæрдæ нæ фæагуры, сæр риссын райдайы, буар фæсырх вæййы. Дохтыртæ амонынц тæвд бонтæ куы скæны, уæд хуры тынтæй æппæтæй тынгдæр сæхи хъахъхъæнын хъæуы, зæрдæйы тугдадзинты системæйы низтæ кæмæ ис, уыцы рынчынты.

Æнтæф бонтæ никæуыл ауæрдынц. Хуымæтæг тезгъо дæр, гæнæн ис, æмæ æвзæр фæстиуджытæм расайа. Тæвд цы адæймаджы ныццæвы, уымæн хъæуы фыццаг æххуыс бакæнын. Фыццаджыдæр æй аууон бынатмæ ракæнын, йæ уæлæдарæс ын суæгъд кæнын, уазал дон ын раттын. Адæймаг куы бауадзыг уа, уæд æй æрчъицын кæнын нæ хъæуы, – зæгъынц специалисттæ.

Уадзыг адæймагæн сбæлвырд кæнын хъæуы йæ улæфт æмæ зæрдæйы куыст. Æмæ куы бахъæуа, уæд реанимацион архайд райдайын.

Тæвд бонты баузæлын хъæуы цæрæгойтыл дæр. Цыппæркъахыгтæн хъуамæ уа донæй бафсæдыны фадат. Ветеринар Алиса Губарева амоны, цæмæй цæрæгойты дзæмбытæ сæ хицæуттæ бахъахъхъæной тæвд змис æмæ дуртæй, хуры бынмæ бирæ ма лæууын.
Чысыл хæлæртты нæй хæдтулгæйы ныууадзæн, суанг цыбыр рæстæгмæ дæр. Цæрæгой куы æрлæмæгъ уа, йæ улæфт куы фæтагъддæр æмæ фæарæхдæр уа, хæринаг куы нæ агура, уæд ын хъæуы фыццаг æххуыс бакæнын.

Хуымæтæг амынддзинæдтæ æххæст кæнæгæйæ хи бахизæн ис æвзæр фæстиуджытæй. Уынгмæ кæд æнæ акæсгæ нæй, уæд уырдæм цæуæн ис æрмæстдæр аууонвæрсты, фæллад уадзын хъæуы бæлæсты бын æмæ æндæр сатæг рæтты. Æрмæст афтæмæй ис хи бахъахъхъæнæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое