preloader
сейчас в эфире
07:08
+
Смотрите Далее
07:30
ВО ВСЕМ ВИНОВАТА ЗАЛИНА 12+
09:00
НАЦИОНАЛЬНЫЕ ИНТЕРЕСЫ 12+
09:35
ИРЫСТОНЫ НОМЫЛ 12+
10:00
ТРАДИЦИЯ ВЕРЫ 12+
10:15
СНЕГ В СЕНТЯБРЕ 12+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Æппæтадæмон олимпаг комитет самбойы спорты хуызæн скодта аккаг аргъ

22.07.2021 22:22

Ныр зæрдæ дарæн ис, æмæ 2028-æм азы Лос-Анжелесы нæ бæстæйы самбисттæ Олимпаг хъæзтыты гауызмæ рахиздзысты.

Нæ бæстæйы спорты уарзондæр хуызтæй иу у самбо. Ныр дзы чи архайы, уыдонæн фæзынд фадат Олимпаг уæлахизтæм тырнын. Æппæтадæмон олимпаг комитеты 138-æм æмбырды Токиойы, самбойæн скодтой стыр аргъ. Ныр зæрдæ дарæн ис, æмæ 2028-æм азы Лос-Анжелесы нæ бæстæйы самбисттæ Олимпаг хъæзтыты гауызмæ рахиздзысты.


Кодзырты Солæман къуххæсты спорты хуызтæ йæ сабийы фæстæмæ цымыдис кæнынц. Уæд райдыдта цæуын дзюдойы æмæ самбойы секцитæм. Цыбыр рæстæджы фæстæ равзæрста самбо, йæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд. Ныр 11 азы дæргъы архайы йæ уарзон спорты хуызы. Æнтыстдзинæдтæ дæр ын ис. Архайдта Уæрæсейы ерысты, у республикон турнирты уæлахиздзау. Куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у хиуыл кусын æмæ æвæллайгæйæ цæуын æвæрд нысæнттæм.

Соламон æмæ йе ‘мбæлтты бæллиц у Олимпаг хъæзтытæы уæлахиздзаутæ суæвын. Æрæджы дæр ма сын уыцы гæнæн нæ уыд. Спорты хуыз сæ программæмæ хаст нæ уыд. Ныр уавæр фæивта æмæ йæм Æппæтадæмон олимпаг комитет йе ‘ргом раздæхта. Дарддæр ма хъæуы, цæмæй йæ бафтауой 2028-æм азы Лос-Анжелесы Олимпиадæйы программæмæ.

Самбойы секцитæ ис Дзæуджыхъæуы, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты. Спорты хуызæй архайынц 500-йы бæрц сывæллоны. Раздæр-иу раивтой дзюдо кæнæ хъæбысæй хæстмæ, цæмæй сын фæзындаит Олимпаг хъæзтыты бацархайыны фадат. Ныр сæ уый нал бахъæудзæн.

Цæгат Ирыстоны самбойы федераци байгом кодтой 2003-æм азы. Республикæйы кусы 16 профессионалон тренеры. Ныр-иу фæсивæд сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад æвдисдзысты æппæтæй бæрзонддæр æмвæзадыл – Олимпаг хъæзтыты.

Дзæдзойты Фатимæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Тамеран Тменов I По большому счету
30.10.2026
Хæдзарадон I 30.10.2026
30.10.2026
Йæ рæстæгыл I Мæхæмæтты Ахуырбеджы мысæн мадзал, Мерденты Хъайсыны номарæн æмæ фестиваль «Алтын Майдан-Алания»
30.10.2026
Между двумя мирами I ДОК
30.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 30.10.2026
30.10.2026
Тактика I 29.10.2026
29.10.2026
Подробнее I 29.10.2026
29.10.2026
Самое время I Операции на открытое сердце в республике; реабилитация участников СВО и актуальные новости недели
29.10.2026
29.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
29.10.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон ! I 29.10.2026
29.10.2026
Заур Цоков I Истории из жизни
28.10.2026
Диана Худалова | Дело мастера
28.10.2026
Межконфессиональные отношения I Национальные интересы
28.10.2026
28.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
28.10.2026
Донифарс. Ледник Тана I Вокзал для двоих
27.10.2026
Все рекомендуемое