Цæгат Ирыстоны 100 æрыгон адæймаджы райсдзысты гранттæ амалхъомады фыццаг къахдзæфтæ акæнынæн. Программæйы сæйраг нысан у фæсивæды ‘ргом экономикон зонындзинæдтæм раздахын. 2021-æм 2024-æм азты паддзахадон программæйы фæлгæты проектыл бакусын бабар кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Æххæст йæ кæндзысты цалдæр къæпхæнæй. Скъолаты фæсивæдæн арæзт цæудзысты бизнес-тренингтæ, семинартæ æмæ ахуырадон хъæзтытæ. Уым сын дзурдзысты амалхъомдзинады бындурты тыххæй. Бафтаудзыстæм ма уый, ӕмӕ программæйы фæлгæты 100 амалхъом адæймаджы райсдзысты гранттæ фæйнæ 250 мин сомы. Хъæууон хæдзарады йæ фыццаг къахдзæфтæ чи акæна, æртæ ахæм адæймагæн та ратдзысты 3 милуан сомы. Æмткæй райгæйæ, программæйы бюджет афæдзмæ уыдзæн 30 милуан сомы. Архайыны фадат та дзы ис, республикæйы цæрджытæй 14 азæй 35 азы онг кæуыл цæуы, уыдонӕн. Курдиат бадæттæн ис районты фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайæдтæм.
















