Цæгат Ирыстоны дыууæ мин дыууын фæндзæм азы дыууæ мин фондз сæдæ бинонтæ мадæлты капиталæй фæхуыздæр кодтой сæ цæрæн уавæртæ. Уый тыххæй Социалон фонды республикон хайад радих кодта иу æмæ æрдæг миллиард соммæ ввахс.
Хæдзар саразын кæнæ балхæнын — æппæты парахатдæр фæзылд мадæлты капиталæй спайда кæныны хъуыддаджы Цæгат Ирыстоны. Фæрæзтæй ис цæрæнуат самал кæнæн, самайын, рацаразын, ипотекæйы фыццаг фиддон баххæст кæнын кæнæ хæдзары фæдыл кредит сæхгæнын.
Уавæртæ фæхуыздæр кæнæн ис сывæллоныл æртæ азы куы сæххæст уа, уый фæстæ. Уый ипотекæйы фыццаг фиддон æмæ хæс æххæстæй бафидынæй уæлдай. Ахæм хъуыддаджы фæрæзтæй спайда кæнæн ис сывæллоны райгуырды кæнæ хъомыл кæнынмæ райсыны фæстæ.
Мадæлты капиталы фæрæзтæй сертификатты хицæуттæн сæ бон хæдзар балхæнын у, æрмæст сæрмагонд къамисы уæнгты хатдзæгты фæстæ, уыдон хъуамæ рахæссой уынаффæ цæрæнбынат æмбæлгæ домæнтæн æцæгдæр дзуапп кæй нæ дæтты, уый фæдыл.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, сертификаты тыххæй æппæт бæрæггæнæнтæ дæр æмæ фæрæзты бæрцы тыххæй бæлвырд информаци фенæн ис Паддзахадон лæггæдты порталы хи кабинеты.
















