Цæгат Ирыстоны 234 фатеры эксплуатацийы ратдзысты «Жильё для российской семьи», зæгъгæ, программæмæ гæсгæ. Уый тыххæй ТАСС-æн фехъусын кодта республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бæззаты Дмитрий.
Цæгат Ирыстоны сæрмагонд программæ æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы. Уыимæ ма йæ фæлгæты квадратон метр самал кæнæн ис базарадон аргъæй 20% асламдæрæй. Æдæппæтæй 2022-æм азы кæронмæ эксплуатацийы ратдзысты 84 мин квадратон метры.
Дзуапдæттæг министрады ма куыд хъусын кæнынц, афтæмæй æнæбары йæ цæрæн бынат чи ныууагъта, ахæм бинонтæй 26 хаст æрцыдысты сæрмагонд хыгъдмæ сертификаттæ райсынмæ.
















