Цæгат Ирыстоны 9 ахуыргæнæндоны сывæллæттæ райдыдтой архайын проект “Борьба в школы”-йы. Æдæппæтæй 20 иумæйагахуырадон кусæндоныл аххæсдзæн программæ. Абон республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур æмæ Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты Федерацийы президент Михаил Мамиашвили бабæрæг кодтой Беслæны 9-æм скъола. Фыццаг ахуыртæм æрбацыдысты зындгонд богæлттæ дæр — олимпаг чемпион Сидахъаты Зауырбег æмæ олимпиадæйы бронзæ призер Найфонты Артур. Программæ “Борьба в школы” у “Иугонд Уæрæсе”-йы партион проект “Выбор сильных”-ы иу хай. Йæ хæс у сывæллæтты æнæниз цардыуагмæ æмхиц кæнын. Тренертæн та фæзындзæн курдиатджын фæсивæды рабæрæг кæныны фадат. Фидæны проект фæнд кæнынц æндæр спорты хуызтыл дæр апарахат кæнын.
















