Цæгат Ирыстоны бындуронæй рацараздзысты колледжтæ æмæ æмдзæрæнты 13 бæстыхайы. Уымæн федералон бюджетæй рахай кæндзысты 1 миллиард сомæй фылдæр. Уый тыххæй йæ канал “Макс”-ы фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Куыстытæ цæуынц федералон проект “Профессионалитет” æмæ национ проект “Фæсивæд æмæ сывæллæттæ”-йы фæлгæты. Ацы аз рацараздзысты 6 объекты. Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ, астæуккаг профессионалон ахуырады системæ къæпхæнгай уæрæхдæр кæнынц. Фылдæр кæнынц бюджетон бынæтты нымæц. Гом кæнынц ног хъæугæ дæсныйæдтæ. Аразынц ахуырадон кластертæ. Уымæй уæлдай, колледжтæ æмгуыст кæнынц куыстдæтджджытимæ.
















