Цæгат Ирыстоны æфснайынц фæззыгæнд культурæтæ. Мæздæджы район хъæздыг у тыллæгæй. Хъæууон хæдзарады кусджытæ ацы аз фæззыгæндтæ ныссагътой фылдæр фæзуатыл. 27 мин гектраы мæнæу, 1700 гектары хъæбæрхор æмæ æндæртæ. Боныхъæд хорз кæй хæссы, уымæ гæсгæ районы æппæт хæдзарадтæ куыстытæ афоныл æххæст кæнынц.
Сæрмагонд техникæйæ дæр ифтонггнд сты. Фæстаг рæстæг районы хъæууон хæдзарадон къабазы райрæзтæн инвестортæ дæр фæзынд. Æнтæф боныхъæд пайда у хоры хæрзхъæдддзинадæн. Кæд хоры уымæлад вæййы 14-15 проценты, уæд ныртæккæ та уымæлад у 6 проценты. Мæнæу иууылдæр у хус. Дарынмæ æмæ ласынмæ цæттæ у. Бæрзонд уымæлады тыххæй ын фесæфынæй тас нæу.
















