Цæгат Ирыстоны æххуыс кæнынц цæф арсæн. Лæмæгъæй, йæ ных нæмыджы цæфимæ, афтæмæй арсы пъæлицæйæгтæ ссардтой Балтайы фæндагыл. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, баци цауононты амæттаг. Ирвæзынгæнджытæ сырды аластой ветеринармæ. Баныхас кодтой хъæддаг сырдты реабилитацион центр «Гришка»-йы хицау Дзуццаты Зауырбегимæ.
Уый ныр дыккæгæм къуыри зилы арсмæ. Ныридæгæн сырды уавæр фæхуыздæр: райдыдта хуыздæр хæрын, йæ цæф чысыл байгас. Арсæй уæлдай ма Дзуццаты Зауырбеджы центры ис полярон рувæстæ æмæ енотгъуыз куыйтæ.
















