Абон нæ республикæйы æхсæнадон палатæйы уæнгтæн уыд куысты фæдыл фембæлд. Сæрдариуæг ын кодта Æхсæнадон палатæйы аппараты сæрдары хæдивæг Николай Доронин. Æрдзырдтой дзы 26-27 майы Дзæуджыхъæуы цы форум «Сообщество»-мæ цæттæдзинад цæудзæн, уымæ. Фембæлды фæлгæты снысан кодтой форумы цавæр темæтыл æрдзурдзысты, уый. Сæйраг темæйыл банымадтой, пандемияйы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фарста.
Уымæй уæлдай-ма се`ргом аздахдзысты национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц уымæ, цæрджыты царды уаджы социалон уавæртæ æмæ æвзæрстытæм æхсæнадон цæстдардмæ. Форум «Сообщество»-йы фæлгæты ис ахсджиаг хъуыддæгтæм æркæсæн. Фыццаг хатт форум арæзт æрцыд 2015 азы. Уæдæй-абонмæ ахадындзинад рæзы, рæзынц йæ гæнæнтæ дæр. Ацы аз дзы бацархайдзысты Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæ иуылдæр.
















