Тымбыл съолы уæлхъус фембæлд, йæ темæ «Хартия солидарности в сфере ЖКХ», зæгъгæ, арæзт æрцыд Дзæуджыхъуы. Расидыдтысты йæ æхсæнадон æмæ цæрæнуæтты инспектортæ цæттæгæнæн проекты фæлгæты. Дарддæр та 4 боны дæргъы республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазы архайджытæн онлайн хуызы сараздзысты ахуырадон семинартæ. Архайдзысты дзы 70 адæймаджы. Уый фæстæ та сын ратдзысты сертификаттæ.
Проект æххæст кæны Волгограды профессионалон ахуырады æппæтадæмон академи граждайнаг æхсæнады райрæзты паддзахадон гранты фæлгæты. Йæ саразыныл бацархайдтой республикæйы цæрæн-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы, муниципалон скондты цæдис æмæ республикæйы хицауад.
Проекты сæйраг хæс у – цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазы æхсæнадон цæстдарды райрæзты фæлтæрддзинад парахат кæнын, куысты хæрзхъæдзинадыл бацархайын, цæмæй уый фæзына лæггæдты хорз æмвæзадыл. Ацы ахуыртæ фæнд кæнынц скæнын æрвылазон.
















