Цæгат Ирыстоны æрцахстой, цалдæр регионы цæрджытæ кæм уыдис, фыдгæнджыты ахæм къорды уæнгты. Азымджын сæ кæнынц карз нозт æмæ паддзахады бæрæггæнæнтæ цы тамакотыл нæй, уыдоны æнæзакъон зилдухæй. Фыдгæнджытæ уыдысты 9 адæймаджы, уыдонæй 3 – сылгоймæгтæ. Сæ раздзæуæг – Дзæуджыхъæуы цæрæг.
Барадхъахъхъæнджытæ сын 18 раны басгæрстой сæ цæрæнбынæттæ Цæгат Кавказы федералон зылды 4 регионы. Ссардтой ма дыууæ фæсвæд цехы дæр, хъæбæр нозты зындгонд хуызты халдих кæм уагътой, ахæмтæ. Слестгæнджыты цæст æрхæцыд, фыдгæнджытæ цæттæ продукци цы æвæрæнты дардтой, уыдоныл дæр.















