Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты Геналдоны комы амæттæгты. 19 азы размæ ратыдта Хъолайы цъити æмæ йæ разæй ахаста Уæллаг Хъæрмæдон. Æдæппæтæй дзы чи фæмард æмæ кæй нал ссардтой, уыдоны нымæц у 120-йæ фылдæр. Уыдоны ‘хсæн — республикæйы парламенты, конституцион тæрхондон æмæ Цæнтрон æвзарæн къамисы кусджытæ, бæхты театр «Нарты»-йы артисттæ æмæ режиссер Сергей Бодров йæ киноисæн къордимæ.
Цалдæр минутмæ Хъола фехæлдта цæрæн хæдзæрттæ, санаторийтæ, фæлладуадзæн бынæттæ. Дуримæ хæццæ цъитийы цыд, куыд банымадтой, афтæмæй уыд 200 км сахатмæ.
Абон республикæйы сæргълæууæг фыдбылызы амæттæгты цыртдзæвæнмæ бахаста дидинджытæ. Мысæн мадзæлтты бацархайдтой вице-премьеры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз, министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ, депутаттæ, республикæйы барадхъахъхъæнджытæ æмæ муниципалитетты разамонджытæ.
















