Се ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы адæмæн Цæгат Ирыстоны транспорты сараздзысты æмбæлгæ уавæртæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой дзуапдæттæг уагдæттæ, æхсæнадон организацитæ æмæ цæстдарæг оргæнты æмбырды.
Сарæзтой сæрмагонд кусæг къорд дæр. Сбæрæг кодтой, чи æмæ кæд фæлхат кæндзæн автомобилон æмæ æфсæнвæндаджы вокзалтæ, аэропорт, автобусты æрлæууæн æмæ хæдтулгæтæ бауромæн бынæттæ. Цудыд æнæниздзинадимæ цæрджыты домæнтæн хъуамæ дзуапп дæттой.
Æмбырды куыд загътой, афтæмæй æппæт уыцы бынæттæ æнцонвадат сты хъыгдæрд æнæниздзинадимæ адæмæн. Фæлæ сæ уæддæр фæнд кæнынц æппынæдзух хуыздæр кæнын. Уымæй уæлдай ма æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой, пандустимæ транспорт самал кæныныл дæр.
















