Зонгæ æмæ зæрдæмæхъаргæ зарæг Хуссар Ирыстоны нæлгоймæгты хоры архайджыты зардӕй. Музыкæйы уацары артисттæ бакодтой аивадуарзджыты. Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамблы разамонæг ныр цалдӕр азы дæргъы у Саппиаты Зæлинæ. Алы зарӕджы зæлты дæр бавæрдтой сæ уды хъарм. Æвдисынц дзы ирон адæмы тых, зæрдæтæ чи агайы, ахæм хъару.
Фестиваль æрбамбырд кодта Цæгат Кавказы, Мæскуыйы, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы сфæлдыстадон къордтæ. Сты куыд хæдахуыр, афтæ профессионалонтæ. Бынæттон артисттимæ се ‘ппæт дæр сæ аивад равдыстой республикæйы районты.
Æппæтадæмон фестиваль фадат дæтты Кавказы адæмтыхæттыты монон хæзнатыл æрдзурынæн, фольклоры ахадындзинадыл ахъуыды кæнынӕн ныры дуджы. Уæрæсейы сгуыхт артист Адександр Базиков дæр у мадзалы архайæг. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта ам – Орджоникидзейы аивадон училищæйы. Уыцы рæстæджытæ йæ зæрдæйы ахсынц уæлдай ахсджиаг бынат.
Æппæтадæмон фольклорон фестивалæн кӕронбæттæн скодта гала-концерт. Æрыгон артисттæ – иу сценæйы сыхаг республикæты къордтимæ сæ аивад кæй равдыстой, уый у егъау фæлтæрддзинад. Дæтты сын ныфс ног бæрзæндтæм схизынмæ.
Ирон дала фæндыры æмрæнхъ æндæр адæмыхæттыты национ уадындзгæрзтимæ. Алыхуызон инстременттæн ис иумæйаг стыр нысан – фыдæлты культурæ æмæ аивад хъахъхъæнын. Уый та у фестивалы сæйраг хæс.
















