Цæстфæлдахæн миты æмæ гæртæмттæ исыны ныхмæ тох кæныны мадзæлттыл æрныхас кодтой дзуапдæттæг къамисы æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Сергей Меняйло.
Фембæлды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ацы азы райдианæй слестгæнæн оргæнтæ райстой 174 хъусынгæнинаджы коррупцийы фæдыл. Сæ фылдæр баст уыдысты арæзтад, цæрæн бынæтты фарста, барадхъахъхъæнæг практикæ, æнæнизддзинад хъахъхъæныны къабаз, ахуырад æмæ наукæимæ. Сергей Меняйло фæнысан кодта, коррупциимæ тох кæныны мадзæлттыл хъæуы бæстонæй бакусын.