Цæгат Ирыстоны 110 мин объекты хаст не ’рцыдысты Росреестры управленийы хыгъдмæ. Уыдонæй 40 мины сты цæрæн хæдзæрттæ, 25 мины — фатертæ, 12 минмæ ввахс та — зæххы хæйттæ. 29 июны йæ тыхы бацæудзæн 518 федералон закъон. Уымæ гæсгæ бынæттон хиуынаффæйады сæргълæуджытæ бæрæг кæндзысты, закъонмæ гæсгæ фидаргонд объекттæ хиуыл фыст кæмæн не сты, уыдоны. Цы объекттæ рабæрæг кæной, уыдон бахæссын хъæудзæн Росреестры хыгъдмæ.
Дзуапдæттæг кусджытæн хъуыддагмæ бæстонæй æркæсын бабар кодта Сергей Меняйло. Бынæттон æмæ регионалон бюджетты бæрц цас уыдзæн, уый аразгæ у исбоны хъалонтæй. Бюджет та ахады, республикæйы социалон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Иу ныхасæй, иу хъуыддаг баст у иннæимæ. Паддзахадон реестры исбоны тыххæй хъуамæ уа бæлвырд информаци; объекты тыххæй æмæ кæй у, уый дæр — афтæ. Росреестры управленийы æмбырды архайдтой хъæуты разамонджытæ æмæ районты администрациты минæвæрттæ. Æрдзырдтой закъон æххæст кæныны мадзæлттыл.
















