Беслӕны фыццæгæм скъолайы ӕвирхъау бæллæхы амӕттӕгты ном цæстыгагуыйау хъахъхъӕнынц. Историйы музейы ис стыр экспозици, уыцы спортзалы ӕнусмӕ чи баззад, уыдоны бирӕ къамтӕ ӕмӕ сӕрмагонд дзаумматæ. Ахуырдзауты ӕмӕ ахуыргӕнджыты хъысмӕтыл конференци «Знание про Безопасность»-ы архайджытӕн дзуры директор Гуыриаты Надеждӕ. Ӕппӕт тасдзинад, ӕбуалгъ æмæ ӕгъатырдзинад сылгоймаг федта йӕхи цӕстӕй, уыд амынӕты. Экскурси у терроризм ӕмӕ экстремизмы профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлтты фыццаг боны иу хай.
Фыццаг бон конференци саразынӕн бынат сси терроризмы профилактикӕйы Ӕппӕтадӕмон культурон-патриотон центр «Беслан. Школа №1». Ацы бынат хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ам æрдзурдзысты нырыккон æртхъирæнтыл. Тыгъдад хъахъхъӕны нырыккон террористон трагедийы æгъатыр цаутæ.
Специалисттӕ ӕрныхас кодтой терроризмы идеологийы ныхмӕ тохы бирæвæрсыг пълан сӕххӕст кӕныныл. Хицӕнӕй дзырдтой профилактикон куысты мадзӕлтты тыххӕй. Иу ахсджиаг фарста ма хицауады оргӕнты ӕмархайд ацы хъуыддаджы.
Конференци цӕуы дыууӕ боны, абон — кӕронбӕттӕн хай. Мадзал сарæзтой ЦИПУ-йы “ЮНЕСКО”-йы залы. Бынаты — скъолаты директортӕ, хъомыладон куысты разамонджыты хӕдивджытӕ ӕмӕ республикӕйы ӕппӕт районтӕй ахуыргӕнджытӕ. Экспертты ныхӕстӕм гӕсгӕ, раст ахуырадон тыгъдад ныртæккæ свӕййы профилактикӕйы сӕйрагдӕр къабӕзтӕй иу. Специалисттӕ куыд бӕрӕг кӕнынц, афтӕмӕй фӕсивӕдæн æппæты тæссагдæр у деструктивон архайдæй.
Уæлдай ӕргом аздӕхтой информацион ӕдасдзинадмӕ. Лектортӕ дзырдтой, фыдгæнджытæ интернеты тыгъдады сæ митæн цы здæхтытæ равзарынц, уый тыххæй. Сӕйрагдар у сывӕллӕтты сахуыр кӕнын ахӕм контент иртасыныл.
Конференци сси федералон ӕмӕ регионалон специалистты ‘хсӕн фӕлтӕрддзинадæй дих кæныны бынат. Йӕ аразджытӕ -республикӕйы терорризмы ныхмæ къамис, ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрад ӕмӕ уæрæсейаг ӕхсӕнад “Знание”. Ахӕм фембӕлдтыты хӕс æрмæст ахуыргӕнджытӕн информаци хъусын кӕнын нӕу, фӕлӕ ма раттын практикон фæрæзтæ, уыдон феххуыс уыдзысты куысты, экстремизм ӕмӕ терроризмы фӕзындты ныхмӕ тохы.















