Цæгат Ирыстоны чырыстон диныл хæст адæм сæхи цæттæ кæнынц сæйрагдæр бæрæгбæттæй иумæ – Хуыцауы Дзуарæфтыдмæ. Бæрæгбоны фæдыл чырыстон диныл хæст адæмæн арфæ ракодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло.
«Хуыцауы Дзуарæфтыды бæрæгбоны фæдыл уын зæрдиагæй арфæ кæнын. Ацы рухс бæрæгбон уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ уды хъæддыхдзинад. Амонд æмæ уарзондзинадæй хъæздыг уæнт уæ бинонтæ»– фæнысан кодта регионы разамонæг.
Ирон адæм æй хонынц Доныскъæфæнтæ. Ахсæв Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыр Герасим адæмыл дзуæрттæ бафтаудзæн. Афæдзæй-афæдзмæ бæрæгбонмӕ цӕуӕг адæм фылдæр кæнынц. Зæххон тæригъæдтæ сыгъдæг кæнынæн сын уый тынг ахъаз у.
Доныскъæфæнты республикæйы арæзт æрцæуынц сæрмагонд бынæттæ. Сæ иутæ – Фыййагдоны нæлгоймæгты, стæй Алагиры сылгоймæты моладзандонтæ, иннӕтӕ – Сыгъдӕг Никъалайы номыл аргъуан Бирӕгъзӕнджы ӕмӕ Павлодольская станицӕйы аргъуаны. Ирвæзынгæнджытимæ иумæ бынæтты рад хæсдзысты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ дохтыртæ.
















