Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны коронавирус рабæрæг кодтой ноджы 37 адæймагмæ. Афтæмæй тæссаг низ кæмæ ис, уыдоны нымæц сси 3 477. 3 142 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени.
Дохтырты цæстдард ис 818-мæ. Сovid -ы аххосæй республикæйы фæмард 58 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц у 7 801 адæймаджы.
















