Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæст кæнынц мæгуырдзинадимæ тох кæныны программæ. Йæ фæлгæты Цæргæсты бинонтæ Николаевская станицæйæ фæнд кæнынц кæсаджы куыст райдайын. Ныр уал 9 гектары цад хаццоны райстой. Бинонтæ фæзуат хи хъарутæй сыгъдæг кæнынц. Кæсаг та самал кæндзысты программæйы фæрæзтæй. Æмбæлгæ гæххæтытæ сæмбырд кæнын æмæ бизнес-пълан саразынмæ сын баххуыс кодтой Дыгуры районы социалон лæггæдты бирæвæрсыг центры.
Программæйы руаджы Цæргæстæн рахай кæндзысты 250 мин сомы. Канд кæсаджы куыст кæнын нæ фæнд кæнынц, фæлæ ма цадæн йæ алыварс хъавынц фæллад уадзынæн хъæугæ уавæртæ саразын.
















